ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ баххуыс кодтой хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын"-ӕн, кӕцы кусы Цхинвалы ныр ӕртыккаг мӕй, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг органы пресс-службӕ.
Хӕрзаудӕн дукани фӕзынд Цхинвалы инициативон фӕсивӕды къорды фӕрцы. Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ацы ӕнахуыр дуканимӕ ӕрбахӕссын, хӕдзары цӕмӕй нал пайда кӕнынц, уыдон - уӕлӕдарӕс, къахдарӕс, чингуытӕ, хъазӕнтӕ, гигиенӕйы предметтӕ.
"Дарӕс ӕмӕ дзабыртӕ сабитӕ ӕмӕ хистӕр кары адӕмӕн, хъарм хъӕццултӕ - абон уыдонӕй фӕкастысты Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ дукани "Рухы тын"-мӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны ма банысан кодтой, милицийы кусджытӕ дуканийы кӕй федтой Дудайты бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, цы ран хъомыл кӕнынц авд сабийы. Милицийы кусджытӕ магазин саразыны инициативон къорды уӕнгтӕй иуимӕ равзӕрстой сывӕллӕттӕн дзабыртӕ, хъазӕнтӕ, чингуытӕ.