Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ фыдбылызæй фервæзын кодтой дыууæаздзыд чызджы

Ирвæзынгæнджытæм бахатыдысты сабийы ныййарджытæ, кæцытæ нæ зыдтой чызджы къах куыд ссрибар кодтаиккой къæпхæнæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг Уæлвæткон уавæрты министрад фервæзын кодтой Елхоты хъæуы дыууæаздзыд чызджы, кæцыйæн йæ къах ныффидар ис уынгæг трубæйы, хъусын кæны уæлвæткон уавæрты уагдон.

Хуссар Иры УУМ аиуварс кодта зынгсирвӕзт Мугуты хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары

Банысан æрцыд, ирвæзынгæнджытæм кæй бахатыдысты сабийы ныййарджытæ, кæцытæ нæ зыдтой чызджы къах куыд ссæрибар кодтаиккой къæпхæнæй.

Бынатмæ бацæуæг ирвæзынгæнджытæ бамбарстой ацы уавæры кæй нæ баххуыс кæндзæн нырыккон ифтонгад дæр – хъыгдардта трубæйы чысыл диаметр, цауы бынатмæ цæрæн хæдзæртты æввахс æвæрд æмæ чызджы уавæр, кæцы куыдта æмæ нæ дæтта фадат йæхи фервæзын кæнынæн.

"Хъарагъулы хистæр Дзуцаты Константин аскъуыддзаг кодта спайда кæнын зæронд фæлвæрд амалæй - трубæйы ауагътой хуымæтæг сой æмæ цадæггай райсой сабийы къах", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ирвæзынгæнджыты бахъуыд 20 минут, цæмæй ссæрибар кодтаиккой чызджы. Дохтыртæ, кæцытæ басгæрстой чызджы сбæлвырд кодтой, сабийы цардæн тас кæй нæу.