Нæ нæ фæндыд хæдзармæ: хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ Петербургмæ балцы тыххæй

Хуссарирыстойнаг æвзонг адæм ссисты культурон-ахуырадон проект "Здравствуй, Россия!"-йы алыгъуызон конкурсты уæлахиздзаутæ. Петербургмæ балцæй сæ тæлмæнты тыххæй уыдон радзырдтой Sputnik пресс-центры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Гæбæраты Элина. Ӕхсæнадæмон конкурсты хайадист у тынг пайда Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн, уыдон фæрцы рæзынц сæ коммуникативон фадæттæ, загъта Sputnik пресс-конференцийы культурон-ахуырадон проект "Здравствуй, Россия!"-йы хуссарирыстойнаг архайджыты разамонæг Туаты Тамара.

Хуссарирыстойнаг  фæсивæды делегаци программæйы хайад иста 4-10 августы, балц сорганизаци кодта Россотрудничествойы минæварад республикæйы.

Нæ нæ фæндыд хæдзармæ: хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ Петербургмæ балцы тыххæй

 

Туаты Тамарайы ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг делегаци хорз тæлмæнтæ ныууагъта поекты хайадисджытыл.

"Фыццаг бон мах дæр презентаци сарæзтам нæ бæстæйæн - сæххæст кодтам националон кафт республикæйы феддаг бынæтты видеойы фоныл. Ралæуд рауад тынг цымыдисон æмæ аив. Уый фæстæ нæм цыдысты æннæ бæстæты къорды къухдариуæггæнджытæ æмæ дзырдтой, тынг сæ зæрдæмæ кæй фæцыд нæ фæсивæд", - радзырдта уый.

Балцæй сæ тæлмæнты тыххæй радзырдтой сывæллæттæ сæхæдæг дæр.

"Махæн уыд тынг хъæзныг экскурсион нывæзт, фенын нын кодтой Санкт-Петербурджы фендтаг бынæттæ, уыдыстæм Павловскы дæр. Алыбон дæр нын уыд командон хъæзтытæ, æбæлдыстæм æндæр бæстæты минæвæрттимæ дæр. Мах сфидар кодтам нæ бастдзинæдтæ æмæ фæхуыдтам кæрæдзи уазæгуаты", - радзырда къорды уæнг Цхуырбаты Мария.

Ноджы ма иу хайадисæг Плиты Олег та радзырдта Уæрæсейы историйы тыххæй конкурсы йæ уæлахизы тыххæй. Ноджы ма иу цхинвайлаг чызг - Виктория Кашина - дæр ссис ацы конкурсы уæлахиздзау. Уымæн та йæ куыст нывонд уыд райгуырæн бæстæйы историйæн.

Ацы аз проекты хайад райстой 300 æвзонг адæймаджы 23 бæстæйæ.