ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы æрхонгæ къамис балхынцъ кодта йæ куыст – ацыдысты æвзæрстытæ. Коллективы аивадон къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд Хуссар Иры сгуыхт артист Гуылæрты Родион, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы директор Гаглойты Кристина.
Бæстæйы кафт æмæ зарды сæйраг ансамблы скондмæ кафджыты, музыкантты æмæ зарæггæнджыты претенденттæ æвзæрстой æрхонгæ специалисттæ. Коллективы скондмæ æвзæрсты сæ бон уыд хайад райсын 14 карæй хистæр фæсивæдæн. Кафджыты скондмæ бацæуыны æвзæрсты архайгæ кафджытæй дарддæр хайад райстой 50 адæймаджы.
"Паддзахадон ансамбльмæ æвзæрстытæ ацыдысты культурæйы министрады барамындæй. Къухдариуæггæнæгæй дарддæр ма фидар æрцыд ансамблы сæйраг сконд дæр. Ног аивадон къухдариуæггæнæг Гуылæрты Родионы абон президент Бибылты Анатолий базонгæ кодта коллективæн", - загъта Гаглойты Кристина.
Уый ма банысан кодта, дыццæгæй аивадон къухдариуæггæнæг кæй райдайдзæн ног скондимæ кусын.
"Рæстæгмæ сфæлдыстадон коллектив æруромдзæн концертон архайд - æрдæг азы бæрц ансамблы цæудзæн мидæггæагон куыст", - загъта уый.
Уымæй дарддæр ма, бафтыдта директор, ансамблы дæлбар арæзт цæуы студи, цы ран архайдзысты скъоладзаутæ.
"Фæсивæд, кæцытæ рацыдысты æвзæрст, фæлæ ахуыр кæнынц скъолаты, æмæ уымæ гæсгæ сæ бон нæу цæуын репетицитæм, ист æрцæудзысты студимæ", - балхынцъ кодта Гаглойты Кристина.