Хуссар Иры минӕвар Сириимӕ ахастыты тыххӕй: стратегион ӕмгуыстад

Гасситы Знауыр банысан кодта бӕстӕты ӕхсӕн стратегикон ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр банысан кодта Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Риад Хаддады сӕрмагонд хайадист республикӕты хсӕн ахастыты сфидар кӕныны хъуыддаджы. Уый тыххӕй дзырдӕуы арфӕйы телы сириаг минӕвармӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, Дӕ сӕрмагонд хайадисты руаджы Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ахастытӕ схызтысты стратегикон ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ. Стыр бузныг дын ӕххуыс ӕмӕ пайдаджын ӕмгуыстады тыххӕй", - хъусын кӕны Гасситы Знауыры ныхӕстӕ минӕварады пресс-службӕ.

Афтӕ ма минӕвар банысан кодта Риад Хаддады стыр профессионализм ӕмӕ бахахх кодта, дипломаты профессионалон миниуджытӕ йын кӕй ӕххуыс кӕнынц реализаци кӕнын Сирийы курс иумӕйаг ӕдасдзинады интересты.

Сири 2018 азы 29 майы фехъусын кодта Абхаз æмæ Хуссар Иры банымады тыххæй. Сирийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Валим Муаллем ӕмӕ Медойты Дмитрий  бафыстой дыууӕ паддзахады хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл бадзырд 2018 азы июлы.