"Алим æмæ стъалытæ" ногæй фæзынд ПТРК "ИР"-ы эфиры

Паддзахадон телеуынынады амонæг, оператор æмæ зарæггæнæг Бететы Алим радзырдта йæ программæйы тыххæй "Алим æмæ стъалытæ" интервью радио Sputnik-ы.
Sputnik

Программæ "Алим æмæ стъалытæ" фыццаг хатт эфиры рацыд 2013 азы, алæвæрд райста хуыздæр телеалæвæрды ном "Cxinval magazine"-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Алæвӕрд у музыкалон, уыд бынæттон зарæггæнæджыты сфæлдыстадыл афæлгæст.

"Фондз азы дæргъы цыд мæ алæвæрд æмæ нæ куыст фæурæдтам иу аз, уый тыххæй æмæ нын артисттæ нае фаг кодта. Сентябры рацæудзæн ног сезон, куыд Цæгат афтае Хуссар Ирыстоны артисттыл"- радзырдта Бететы Алим.