ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Наниты Игорь бахæс кодта йæ дæлбар кусджытæн саразын бæстон нывæзт профилактикон рейдон мадзæлттæн. Скъуыддзаг ист æрцыд фæндæгтыл уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй, уымæн æмæ фæстаг рæстæджы фæфылдæр ис фæндагон-транспортон цауты нымæц, фехъусын кодта Sputnik уагдоны пресс-службæйы ъухдариуæггæнæг Бестауды Вида.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, министр æрæмбырд кодта МХМ управлениты къухдариуæггæнджыты, цы ран Наниты Игорь уæлдай хъусдард аздæхта фæндæгтыл æдасдзинады фарстмæ. Уый бахæс кодта æхсæнадон æдасдзинады милицийæн фæтыхджындæр кæнын куыст фæндагон змæлды фæткхалæн цаутæ иуварс кæныны фæдыл æмæ исын законон мадзæлттæ нозтджын шофырты ныхмæ.
"Фæндагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй министр банхъардта саразын бæстон нывæзт профилактикон рейдон мадзæлттæн, кæцытæм æрбаздахдзысты милицийы сæрмагонд дæлхайæдты дæр", - радзырдта Бестауты Вида.
Наниты Игорь ма банысан кодта, арæх авариты аххосаг кæй свæййы хæдзарон фос, кæцы фæхизы фæндаггæрæтты æнæркастæй æмæ рахизы трассæмæ. Уый бахæс кодта министрады районон хайæдты сæргълæуджытæн ахæм фосы хицæутты кæнын административон бæрнмæ.