ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн (ИПФ) саразыны фарст нӕй, фехъусын кодта пресс-конференцийыл паддзахадон информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты республикӕйы ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса.
"Махӕн ис фадат бацӕуын Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕттӕм мидӕггагон фӕлварӕнты руаджы куыд ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц фӕсарӕнты, кӕнӕ та квотӕты руаджы. Нӕ рауагъдонтӕ раттынц ИПФ куыд фӕстаг мадзал, ӕндӕр фадӕттӕ сын куы нал вӕййы", - загъта Гаглойты Элиса.
Министры хӕдивӕг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад цӕгатирыстойнаг фарсимӕ ӕмгуыстады фӕлгӕтты кӕй ӕххуыс кӕны хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕн ацӕуын Уӕрӕсемӕ Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн раттынмӕ.