Цхинвалы ацыд концерт республикӕйы хӕдбардзинады банымады афӕдзы боны цытӕн

Мадзал ӕрӕмбырд кодта музыкантты Цӕгат Кавказӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ацыд концерт "Мелодия души", кӕцы уыд нывонд республикӕйы хӕдбардзинады банымады 11-ӕм афӕдзы бонӕн.

Цхинвалы ацыд концерт республикӕйы хӕдбардзинады банымады афӕдзы боны цытӕн

ПККЗ "Чермен"-ы концерты программӕйы уыдысты композицитӕ, кӕцытӕ равдыстой националон колорит ӕмӕ Кавказы адӕмты музыкалон культурӕйы алыгъуызонад. Мадзал бабӕрӕг кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.

Президент загъта бузныг артисттӕн ӕмӕ банысан кодта, ахӕм мадзӕлтты руаджы кӕй райтынг вӕййы ӕмбаргӕдзинад Кавказы адӕмты хсӕн.

"Уый бахахх кодта Кавказы адӕмты хӕларад, ӕвдисы сӕ культурӕ ӕмӕ музыкалон аивады алыгъуызонад", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ президенты пресс-службӕ.

Цхинвалы ацыд концерт республикӕйы хӕдбардзинады банымады афӕдзы боны цытӕн

Концерты хайад райстой цӕгаткавказаг эстрадӕйы артисттӕ: Кубань ӕмӕ Адыгейы сгуыхт артисткӕ Рима Тлецери, Кӕсӕг-Балхъары сгуыхт артисттӕ Мадина Мамбетова ӕмӕ Хусен Шалов, Цӕгат Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Персаты Тамара, Хуссар Ирыстоны Адӕмон Артист Гуцаты Нодар, Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс "Новые имена России"-йы лауреат Джульетта Мезова, алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты лауреат Мӕргъиты Лейла ӕмӕ ӕндӕртӕ.