Хуссар Иры Нацбанк баххуыс кодта сидзӕр сывӕллӕттӕн

Хӕрзаудӕн акци ацыд ног ахуыры азы хӕдразмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Националон банк бакодта материалон ӕххуыс сидзӕр сывӕллӕттӕн. Ацы инициативӕ раразмӕ кодта банчы сӕрдар Зассеты Феликс, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры Нацбанк баххуыс кодта сидзӕр сывӕллӕттӕн

Хӕрзаудӕн акци ацыд ног ахуыры азы хӕдразмӕ. Националон банчы минӕвӕрттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй традици адарддӕр уыдзӕн.

Ахуырады министры фыццаг хӕдивӕг Гаглойты Элиса бузныг загъта банчы сӕрдар ӕмӕ коллективӕн ахӕм цӕстуарзон лӕггады тыххӕй.