Плиты Наталья: "Машукы"-ы мах байхъуыстам бирӕ цымыдисон лекцитӕм

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты студенткӕ Плиты Наталья фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук"-ы тыххӕй
Sputnik

Хуссар Ирыстонӕй фӕсивӕды къорд хайад райстой Цӕгат Кавказы фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук"-ы. Уый тыххӕй фехъусын кодта радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн Паддзахадон университеты студенткӕ Плиты Наталья, кӕцы хайад иста форумы фыццаг къорды.

"Форумы мах байхъуыстам бирӕ цымыдисон лекцитӕм, уымӕй дарддӕр ма базонгӕ стӕм бирӕ адӕмимӕ Уӕрӕсейӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн Кавказы республикӕтӕй", - загъта Плиты Наталья.