Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг Дзӕуджыхъӕуы амардта йӕ зонгӕйы

Трагеди ӕрцыд 25 августы, 23.50 сахатыл Дзӕуджыхъӕуы Цоколаты Геннадийы уынджы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы кӕрты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Хуссар Ирыстоны 28-аздзыд цӕрӕджы фӕдыл, кӕцымӕ зӕрдӕ хсайы бынӕттон цӕрӕджы амарынмӕ.

Дзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта баппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты

Трагеди ӕрцыд 25 августы, 23.50 сахатыл Дзӕуджыхъӕуы Цоколаты Геннадийы уынджы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы кӕрты. Фынгыл нозтджынтӕй дыууӕ нӕлгоймаджы хсӕн рауад хъаугъа.

"Зӕрдӕмӕхсайгӕ цалдӕр хатты ныццавта йӕ 29-аздзыд зонгӕйы – Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы. Буары цӕфтӕй зианбаййафӕг фӕмард бынаты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, фыдгӕнӕджы кӕй ӕрцахстой ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.