Хуссар Иры делегаци ацӕудзӕн ДАР-мӕ Александр Захарченкойы афӕдзы бонмӕ

Фӕсарӕйнаг делегацитӕ ацӕудзысты Донецкмӕ, цӕмӕй ссарой Александр Захарченкойы рухс ном
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци ацӕудзӕн Донецкы адӕмон республикӕмӕ (ДАР) Александр Захарченкойы мӕлӕты афӕдзы бонмӕ, хъусын кӕны РИА Новости республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) ныхӕстӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Донецкы Юстицийы министрӕдтӕ бафысдзысты меморандум

"ДАР фыццаг сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы мӕлӕты афӕдзы бонмӕ республикӕмӕ ӕрцӕудзысты Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ ЛАР минӕвӕрттӕ", - радзырдтой ӕддагполитикон уагдоны.

ФХМ бафтыдтой, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уазджытӕм Франци ӕмӕ Италийӕ дӕр.

ДАР сӕргълӕууӕг Александр Захарченко фӕмард 2018 азы 31 августы кафе "Сепар"-ы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.