Цхинвалы ацыд ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг эстрадӕйы стъалыты концерт

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады афӕдзы бон банысан кодтой концертӕй республикӕйы столицӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 авг - Sputnik. Масштабон концерт "Песни, рожденные свободой" ацыд Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы къуырисӕры изӕры. Мадзал ацыд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 11 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны фӕлгӕтты.

Цхинвалы ацыд ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг эстрадӕйы стъалыты концерт

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз, кӕцыты хсӕн уыд республикӕйы къухдариуӕгад, фӕсарӕйнаг уазджытӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ, ралӕууыдысты ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг эстрадӕйы стъалытӕ.

Бӕрӕгбонон концерт бакодта йӕ раныхасӕй республикӕйы президент Бибылты Анатолий – уый банысан кодта, ацы бонмӕ Хуссар Ирыстоны адӕм кӕй цыдысты 20 азы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Цхинвалы ацыд ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг эстрадӕйы стъалыты концерт

"Ацы бӕрӕгбоныл цин кӕны ӕппӕт бӕстӕ. Фӕлӕ мах нӕ рох кӕнӕм зындзинӕдтӕ дӕр, кӕцытӕ бавзӕрстой Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ", - загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий ӕрсидт ӕвзонг фӕлтӕрмӕ, цӕмӕй уыдон сӕ тыхтӕ радтой республикӕйы хӕрзӕбонӕн ӕмӕ алыхатт дӕр хъуыды кӕной, цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой Хуссар Ирыстоны адӕм ацы бӕрӕгбонмӕ фӕндагыл.

Уымӕй дарддӕр ма президент загъта бузныг Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгадӕн Хуссар Ирыстоны адӕмӕн фадат кӕй ис цӕрын хӕдбар, сабыр ӕмӕ ӕдас бӕстӕйы, уый тыххӕй.

Мадзал балхынцъ ис бӕрӕгбонон фейерверкӕй.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.