Уалыты Таймураз: фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй рацӕугӕ студенттӕ нӕм хорз ахаст дарынц

Ӕхсӕнадӕмон ахастыты Мӕскуыйы паддзахадон институты студент Уалыты Таймураз радзырдты радио Sputnik Хуссар Ирыстонӕн Алайнаг ӕмбалады тыххӕй
Sputnik

Радио Sputnik Хуссар Ирыстоны студийы уыд ӕхсӕнадӕмон ахастыты Мӕскуыйы паддзахадон институты студент Уалыты Таймураз.

 

Уый радзырдта йӕ ахуыр, Ирыстонӕй рацӕугӕ фӕсивӕд ӕмӕ Алайнаг ӕмбалады тыххӕй.

"Алайнаг ӕмбалады руаджы мах зонгӕ кӕнӕм ирон культурӕ ӕмӕ традицитимӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй рацӕугӕ студентты ", - загъта Уалыты Таймураз.