Автобус Адлер-Дзæуджыхъæу бахауд аварийы: цæфты аластой рынчындонмæ

Фæцæфуæвджытæй иу ис тынг уæззау уавæры, ноджы ма дыууæ адæймаджы уавæр дæр дохтыртæ нымайынц уæззауыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Уæзласæн машинæ æмæ микроавтобусы хайадистæй фæндагон-транспортон цауы Ставрополы цæфтæ райстой 16 адæймаджы, се 'хсæн фондз сывæллоны, хъусын кæны РИА Новости регионы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады информаци.

"Фараст адæймагæн бакодтой амбулаторон æххуыс, авды та аластой рынчындонмæ. Фæцæфуæвджытæй иу ис тынг уæззау уавæры, ноджы ма дыууæ адæймаджы уавæр дæр дохтыртæ нымайынц уæззауыл. Иннæтæ райстой рог цæфтæ", - радзырдтой уагдоны.

Раздæр регионы УУМ фехъусын кодта, аварийы æрæдзийыл кæй сæббæлдысты уæзласæн машинæ MAN æмæ микроавтобус, кæцы цыд Адлерæй Дзæуджыхъæумæ.