ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг тыхон структурӕтӕ сарӕзтой ӕмбырдгонд Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны хай хъахъхъӕнынӕн Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы разамонӕг Биазырты Екатерина.
Знон арӕнгӕрон районы уыд президент Бибылты Анатолий, кӕцы радта фӕдзӕхсттӕ тыхон структурӕтӕн ӕмӕ фидарӕй загъта хъӕуы цӕрджытӕн, Хуссар Ирыстоны арӕн кӕй ничи фехалдзӕн.
"Гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ Уистӕйы хъӕуы цур ӕнӕзаконон блокпост кӕй ӕвӕрынц, ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл, цауы бынаты ис ПӔК къорд, МСНК хайӕдтӕ ӕмӕ республикӕйы тыхон уагдӕтты ӕндӕр хайӕдтӕ", - загъта Биазырты Екатерина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ПӔК-мӕ бацыд информаци, гуырдзиаг фарс кӕй акодта уӕззау арӕзтадон техникӕ полицийы блокпост саразыны бынатӕй Гуырдзыстоны фарсмӕ.
Фӕлӕ полицийы объекты арӕзтадон куыстытӕ дарддӕр уагъд цӕуынц, ӕрцыд кусджыты ног сменӕ, ӕрбаластой арӕзтадон ӕрмӕджытӕ.
"Арӕзт цӕуы блокпостмӕ фӕндаг. Афтӕ ма цауы бынаты иудадзыг вӕййынц гуырдзиаг полицийы кусджытӕ ӕмӕ Евроцӕдисы миссийы цӕстдарджытӕ", - бафтыдта Биазырты Екатерина.
Знон хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕххӕст кодтой рейд бронетехникӕйыл арӕнгӕрон зонӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной бынӕттон цӕрджыты ӕдасдзинад.