Уæрæсе фæхуымæтæгдæр кæндзæн Хуссар Ирмæ æртаджы æрбаласты уавæртæ

Протоколы ратификацийы фæдыл законы проектмæ, кæцы фæхуымæтæг кæндзæн Хуссар Ирмæ æртаджы продукцийы экспорт, æркæсдзысты УФ хицауады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы министрты кабинет цыппæрæмы æркæсдзæн протоколы ратификацийы фæдыл законы проектмæ, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ æртаджы продукцийы æрбаласт фæхуымæтæгдæр уыдзæн, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Документ бафыстой 2019 азы 6 майы.

"Протоколмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны территоримæ нефты продуктты (æрдзон газæй дарддæр) экспорт цæудзæн æнæ периодикон рæстæгон таможнæйон декларацийæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Банысан ма æрцыд, протокол кæй бахæсдзæн ивындзинæдтæ базайрæгты уæйы фæдыл РХИ æмæ УФ хсæн бадзырдмæ, кæцы бафыстæуыд 2012 азы 2 марты. 

Протоколы реализаци фæахъаз уыдзæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг базарадон-экономикон æгуыстады райтынгæн, бафтыдтой министрты кабинеты.