Футболон клубтæ "Киммери" æмæ "Цхинвал" фембæлдзысты Цæгат Иры чемпионаты

Чемпионаты хуыздæр размæбырсæгыл нымад æрцыд "Цхинвал"-ы хъазæг Бæззаты Ибрагим
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры футболон клуб "Цхинвал" Цæгат Ирыстоны чемпионаты ис æртыккаг бынатыл, фæлæ тырны уæлахизмæ. Радон фембæлд æмбырдгондмæ æнхъæлмæ кæсы 31 августы клуб "Киммери"-имæ, фехъусын кодта Sputnik клубы тренер Коцты Сослан.

"Сæйраг къорды ис 10 командæйы, нæ разæй цæуынц "Синдикат" æмæ "Щит Осетии", мах стæм æртыккаг бынаты, фæлæ нын рамбулыны фадат ис æмæ тырндзыстæм уæлахизмæ. 31 августы нын радон фембæлд ис клуб "Киммери"-имæ", - загъта Коцты Сослан.

Уый ма радзырдта, Цæгат Ирыстоны чемпионаты футболæй хуыздæр размæбырсæгыл нымад кæй æрцыд "Цхинвал"-ы хъазæг Бæззаты Ибрагим - йæ хыгъды ис 9 голы.