Дидинтæ æмæ тымбылæгтæ: Хуссар Иры мысынц Беслæны амæттæгты

Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны раз фæзуатыл урс кæттагыл рæзынц дидинты обаутæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыццæджы мысынц Беслæны трагедийы амæттæгты. Фæссихортæй фæстæмæ Хуссар Иры цæрджытæ хæссынц дидинтæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны раз фæзуатмæ. Адæм тыгуыртæй цæуынц 15 азы размæ æрцæугæ бæллæхы амæттæгты номарынмæ, се хсæн чысыл сабитæ дæр.

"Нæхи фæндонмæ гæсгæ рацыдыстæм. Беслæны мах карæн чысыл сабитæн фæфыдмитæ кодтой, уыдон тæригъæд уыдысты. Нæ бон сын æндæр саразын ницы у, æрмæст сын сæ ном æрымысæм", - дзуры горæты дыккæгæм скъолайы ахуырдзау Ӕлборты Валерия.

Дидинтæ æвæрынмæ цæуынц горæт æмæ районты цæрджытæ, уагдæтты куысджытæ къордтæй, сабитæ, хистæр кары адæм - ацы трагеди уазал зæрдæйæ иу адæймаджы дæр нæ уадзы.

Хуссар Иры цæуынц Беслæны амæттæгты номарæн панихидæтæ

"15 азы рацыд, фæлæ уæддæр нæ хъæдгомтæ нæ байгас сты. Мæ зæрдыл лæууы Беслæны трагеди, чысыл сабиты хъизæмæрттæ. Куы баззыдтон, дидинтæ æвæрыны церемони цæуы Цхинвалы, уæд мæ мæ зæрдæ райста ардæм", - загъта горæты цæрæг Мæдинæ.

Ацы бонты Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты мысынц 15 азы размæ Беслæны æрцæугæ трагедийы амæттæгты. Аргъуанты уадзынц панихидæтæ. Хуссары, стæй йæ фæстæ та Цæгаты дæр, Беслæны æрцæугæ бæллæхы тыххæй ахастой Зонындзинæдты бæрæгбон.

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы. Фыдохы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты дӕр.