Срæсугъд кæнын æмæ байтауын: Цхинвалы мэрия фæлынды горæт

Ландшафтон дизайнер Пæррæстаты Ирина радзырдта, куыд срæсугъд кæндзысты Цхинвалы газонтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ,  3 сен - Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы мэрияйы хæрзарæзтады хайад æрæвнæлдта столицæйы уынгтыл газонтæ фæлындынмæ. Хайады ландшафтон дизайнер радзырдта Sputnik, куыстыты фæлгæтты кæй ранæуæг кæндзысты газонты уæлцъæрттæ.

"Газонтæй сисæм зæронд мæр æмæ дзы ныккалæм ног. Стæй йæ сраст кæнæм æмæ дзы байтаудзыстæм кæрдæг. Уым уайтагъддæр сзайы рæсугъд цъæх кæрдæг", - радзырдта дизайнер.

Срæсугъд кæнын æмæ байтауын: Цхинвалы мэрия фæлынды горæт

Уый ма бафтыдта, ацы куыстытæ кæй æххæст кæны 20 адæймагæй конд бригадæ, афтæ ма алыгъуызон сæрмагонд техникæ.