Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц Республикӕйы боны цытӕн парадмӕ

Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыны 28 афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн 20 сентябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад райдыдта цӕттӕ кӕнын ӕфсӕддон парадмӕ, кӕцы нывонд у Республикӕйы бонӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Парады тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц РХИ генералон штабы хистӕр Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц Республикӕйы боны цытӕн парадмӕ

Цӕттӕкӕнынады хайад исынц Хъахъхъӕнынады министрад, Мидхъуыддӕгты министрад, Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы парадон къордтӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыны 28 афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн 20 сентябры Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл.