Хуссар Ир ногæй арвитдзæн цæстдарджыты Абхазы æвзæрстытæм

Президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацæудзæн хуыцаубоны. Бæстæйы уæлдæр постыл стох кæндзысты архайгæ президент æмæ оппозицион партийы лидер
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ суыдзысты æхсæнадæмон цæстарджытæ Абхазы президенты æвзæрстыты дыккаг туры,  фехъусын кодта Sputnik делегацийы уæнг, РХИ президенты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Джуссойты Алан.

Хуссар Ирыстонæй делегаци ацæудзæн майрæмбоны, Джуссойты Аланимæ ма æвзæрстытæм йæ хъус дардзæн парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр. Фыццаг туры ма семæ уыд Централон æвзарæн къамисы минæвар Авлохты Кристина.

"Дыккаг турмæ Абхаз нæ хоны Централон æвзарæн къамисæй делегатты, зæгъгæ, уыдон уыдысты фыццаг туры,уавæрмæ сæ хъус дардтой, алцыдæр уыд нывыл", - загъта Джуссойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, президентон æвзæрстыты интригæ хъахъхъæд æрцыд дыккаг туры дæр.

"Мæнæн тынг цымидисаг у Абхазы æвзæртытæм хъус дарын. Адæмимæ хуыздæр цы кандидат бакуса, уый райсдзæн хъæлæсты фылдæр", - бахахх кодта президенты администрацийы минæвар.

Абхазы президентон æвзæрстытæ ацыдысты 25 августы. Фыццаг тур уæлахиздзауы нæ рафæлгъаудта, уымæ гæсгæ, 8 сентябры ацæудзæн дыккаг хъæлæсæппæрст. Бæстæйы уæлдæр постыл стох кæндзысты архайгæ президент æмæ оппозицион партийы лидер.