Хуссар Иры боксерты къорд афæндараст ис Минводты турнирмæ

Нæ командæйы сконды ис 14 боксеры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксерты къорд 14 адæймаджы скондæй хайад исы Минводты гом турниры. Ерыстæм фæсивæд сæхи цæттæ кодтой иу мæйы æмгъуыд, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.

"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Къорды сконды ис лæппутæ 12-14 азы кары.

"Тохтæ райдайдзысты майрæмбоны. 14 сывæллонæй хъуамæ рамбулæм фараст фыццаг бынат. Уæлахиздзаутæ фæбæрæг уыдзысты 8 сентябры", - загъта Дзигойты Ацæмæз.

Уый ма банысан кодта, æрвылбон дæр, хуыцаубонæй дарддæр, кæй цæуынц тренировкæтæ алкæцыдæр сахат æмæ æрдæг.

Хуссар Иры командæйы сконды сты республикæйы æппæт секцитæй боксертæ, се 'хсæн фæлтæрд спортсментæ дæр æмæ æвæлтæрдтæ дæр.