Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Абхазы равзӕрстгонд президентӕн

Республикӕйы сӕргълӕууӕг телефонӕй ныхасы раарфӕ кодта йӕ коллегӕйӕн ӕвзӕрстыты дыккаг туры уӕлахизы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Райль Хаджимбайӕн Абхазы президентой ӕвзӕрстыты уӕлахизы тыххӕй. 

Абхазы фехъусын кодтой президентон ӕвзӕрстыты уӕлахиздзауы

Абхазы президентон ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 8 сентябры. Централон ӕвзарӕн къамисы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Рауль Хаджимба райста хъӕлӕсты 47,38%.

Телефонӕй ныхасы Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Хаджимбайы уӕлахиз хорзӕрдӕм кӕй бандавдзӕн республикӕйы размӕцыдыл.

"Уырны мӕ, дӕ уарзондзинад райгуырӕн бӕстӕм, бӕрн ӕмӕ куыстхъомдзинад кӕй фӕахъаз уыдзысты Абхазы динамикон райрӕзтӕн ӕмӕ республикӕйӕн уыдзӕн ноджы фылдӕр ӕнтыстытӕ", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гасситы Дина.

Республикӕты сӕргълӕуджытӕ баныхас кодтой Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы хсӕн дыууӕварсон ахастытӕ дарддӕр дӕр фидар кӕныныл.