Хуссар Иры боксертæ æрхастой аст майданы Минводты гом турнирæй

Командæйы сконды уыд 14 боксеры, уыдонæй фондз райстой сыгъзæрин майдантæ, дыууæ æвзист æмæ иу та бронзæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксерты къорд Минводты гом турнирæй æрхаста аст майданы. Иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой æхсæнадæмон турнирты æдзух архайджытæ, æвæлтæрд спортсментæ уыдысты чысыл лæмæгъдæр, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.

Къорды сконды уыдысты 12-14 азы кары лæппутæ. Уæлахиздзаутæ ссисты Багаты Марат, Бестауты Аслан, Зæгъойты Алан, Бабаты Станислав æмæ Гуыцмæзты Георгий. Дыккаг бынæттæ бацахстой Сатхъоты Георгий æмæ Багаты Димитрий.

"Командæйы иумæйаг ралæудæн саргъ кæнæн ис куыд иттæг хорз. Ӕдзухон уæлахиздзаутæ бацахтой сæ бынæттæ пьедесталыл, аннæтæ та райстой æнæмæнгхъæуæг фæлтæрддзинад", - загъта тренер.

Ерысты æртыккаг бынат бацахста фæлтæрд æрыгон боксер, 2018 азы Уæрæсейы фыццагады призер Ӕлборты Сослан.

Ӕлборты Сослан стох кæндзæн Уæрæсейы тыхджындæр боксеры номыл

"Сослан фыццаг тох рамбылдта, фæлæ йæ ралæуды рæстæджы фæджиздард ис йæ астæу æмæ йæ систам ерыстæй, уымæ гæсгæ райста æрмæст æртыккаг бынат", - бафтыдта Дзигойты Ацæмæз.

Хуссар Иры командæйы сконды сты республикæйы æппæт секцитæй боксертæ. Ацы мæйы къæлиндарон нывæзты ма ис ноджы дыууæ турниры.

"Сентябры кæронмæ ма уыдзæн дыууæ турниры Абхазы æмæ Донецкы. Уыдонæй иумæ акæндзыстæм æхсæз цæттæдæр лæппуйы", - бафтыдта Дзигойты Ацæмæз.

Минводты гом турниры архайдта 100 боксеры бæрц Уæрæсейы регионтæй, Казахстан æмæ Хуссар Ирæй. Боксертимæ ерысты уыдысты тренертæ Дзигойты Ацæмæз æмæ Санахъоты Аслан.