Фæндæгтыл фæткхалджыты нымæц фæкъаддæр ис, фехъусын кодтой МХМ

МХМ разамонæг Наниты Игоры барамындмæ гæсгæ рейдтæ уагъд цæуынц 23 августæй, сæ нысан у фæндæгтыл аваритæ фæкъаддæр кæнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik. Хуссар Иры фæндæгтыл рейдон мадзæлттæ æрхастой æвæрццаг фæстиуджытæ – фæткхалдытæ фæкъаддæр сты. Ивгъуыд къуыри уыд æрмæстдæр фæндæгон змæлды фæткхалды 42 цауы,уыдон сты дыууæ хатты къаддæр уый размæ къуырийæ. Уый тыххæй Sputnik загъта МХМ пресс-службæйы кусæг Джиоты Алик.

"Иу фæткхалæг æрурæдтой нозтджынæй, æртæ хæдтугæйыл нæ уыд паддзахадон регистрацион нысæнттæ, аст шофыры скъæрдтой æнæ бартæй", - радзырдта Джиоты Алик.

Хуссар Иры фæндæгтыл рейдтæм æрбаздахдзысты МХМ сæрмагонд хайæдты

Милицийы куысджытæ ма уымæй даддæр æрурæдтой æртæ шофыры, кæцытæ сæ скъæрыны бартæ ферох кодтой хæдзары,уымæй дардæр ма фæивар кодтой шофырты æнæраст урæд, ныхмæдзог фæндагмæ рахизыны тыххæй æмæ гæнæн уæвгæ тагъддзинады сæртыл ахызыны тыххæй.

Амæй размæ хъусын кодтой, 23 августæй Хуссар Ирыстоны милицийы куысджытæ райдыдтой уадзын рейдтæ.