Культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры адӕмон артистты

Ацы аз Хуссар Ирыстоны адӕмон артисттӕ Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сослан банысан кодтой юбилейтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой зӕрдылдарӕн ӕвзист згъӕрӕхцатӕй "Церковь Святого Великомученика Георгия Победоносца" республикӕйы адӕмон артистты Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сосланы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Ацы аз дыууӕ артист дӕр банысан кодтой юбилейтӕ. Уый фӕдыл культурӕйы министр бафарста артисттӕн сӕрмагонд арфӕтӕ ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ.

Культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры адӕмон артистты

Зассеты Жанна банысан кодта, Уанеты Ӕхсары куыстытӕ иууылдӕр уыдысты алкӕцы спектаклы иууыл цымыдисондӕр хӕйттӕ.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бибылты Сослан рагӕй балхӕдта хуссарирыстойнаг кӕсджыты зӕрдӕтӕ. Йӕ хъӕздыг сфӕлдыстадон архайды рӕстӕджы уый сӕххӕст кодта бирӕ алыгъуызон фӕлгонцтӕ куыд театр, афтӕ кинойы дӕр.

"Уымӕ ис бирӕ тыхтӕ, ног хъӕппӕристӕ ӕмӕ фадӕттӕ, ӕмӕ мах нырма бирӕ ӕзты цин кӕндзыстӕм йӕ сфӕлдыстадыл", - бафтыдта Зассеты Жанна.