Сири у Хуссар Иры ӕууӕнкджын ӕмбал, фехъусын кодта президент

Республикӕйы президент раарфӕ кодта Сириаг Арабаг Республикӕйы президент Башар Асадӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, Сири кӕй у республикӕйы ӕууӕнкджын ӕмбал дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастыты райрӕзты хъуыддаджы.

Хуссар Иры минӕвар Сириимӕ ахастыты тыххӕй: стратегион ӕмгуыстад

"Сириаг Арабаг Республикӕ у иузӕрдыг йӕ скъуыддзӕгтӕн ӕмӕ йӕ мах нымайӕм ӕууӕнкджын ӕмбалыл дыууӕварсон ахастыты райрӕзты хъуыддаджы нӕ адӕмты хӕрзӕбонӕн", - банысан кодта президент йӕ арфӕйы.

Уымӕй дарддӕр президент бахахх кодта, Башар Асады къухдариуӕгады бын Сирийы кӕй ӕрцыд историкон ивындзинӕдтӕ, кӕцытӕ баст сты Сириаг паддзахады политикон ӕмӕ ӕфсӕддон тых фӕфылдӕр кӕнынимӕ, экономикӕйы райрӕзтимӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгты царды уавӕрты ӕмвӕзад фӕфылдӕримӕ.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта йӕ сириаг коллегӕйӕн ног уӕлахизтӕ Сирийы хӕрзӕбонӕн, афтӕ ма президент банысан кодта, Башар Асад кӕй у цӕвиттон Фыдыбӕстӕйӕн лӕггад кӕныны.