11 азы ӕнӕ хӕстӕй: Хуссар Иры банысан кӕндзысты Сабырдзинады бон

Цхинвалы ӕхсӕнадӕмон бӕрӕгбон банысан кӕндзысты Республикӕйы боны, 20 сентябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Республикӕйы бон, 20 сентябры ацӕудзӕн акци, кӕцы у нывонд Ӕхсӕнадӕмон сабырдзинады бонӕн. Мадзал ацӕудзӕн Мад Майрӕмы аргъуаны раз фӕзуатыл, радзырдта Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы кусӕг Гӕджиты Алла.

"Ӕхсӕнадӕмон бӕрӕгбоны традицитӕй иу у Сабырдзинады Дзӕнгӕрӕджы айзӕлд. Дзӕнгӕрӕг айзӕлдзӕн 11 хатты – уый у символикон, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстон 11 азы цӕры сабырдзинады Уӕрӕсейы Федерацийы рдыгӕй банымады фӕстӕ. Мах зонӕм сабырдзинады аргъ", - радзырдта уый.

Акцийы фӕлгӕтты ма сӕххӕст кӕндзысты зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ сабырдзинады тыххӕй, мадзалы кӕрон та арвмӕ ауадздзысты бӕлӕтты – ацы боны символтӕй иу.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц Республикӕйы боны цытӕн парадмӕ

Акци сорганизаци кодта фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет республикӕйы Россотрудничествойы минӕварады ӕххуысӕй. Акци Республикӕйы бон ауадзын баст у Мад Майрӕмы бӕрӕгбонимӕ 21 сентябры – ацы бон Хуссар Ирыстоны у улӕфт.

Ӕхсӕнадӕмон сабырдзинады бон нысан кӕнынц ӕппӕт дунейы бӕстӕты. Бӕрӕгбон снысан кодта ИНО-йы Генералон Ассамблей 1981 азы, уый фӕстӕ йӕ ӕрвылаз нысан кӕнынц 21 сентябры.

Бӕрӕгбоны символ – сабырдзинады бӕлон – сныв кодта испайнаг нывгӕнӕг Пабло Пикассо сабырдзинады Ӕппӕтдунейон конгрессы эмблемӕйӕн, кӕцы ацыд 1949 азы.