Тыхджындæрты тох: ФК "Цхинвал" æмæ Цæгат Иры чемпионаты лидер фембæлдзысты Дзæуджыхъæуы

Цæгат Ирыстоны чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæр размæбырсæгтыл нымад цæуынц цхинвайлаг командæйы уæнгтæ - дыууæ æфсымæры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны чемпионаты фæлгæтты райдыта уæлахиздзауы бынатыл тох лидерты хсæн. Майрæмбоны, 13 сентябры фембæлдзысты "Цхинвал" æмæ "Синдикат", фехъусын кодта Sputnik клубы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан.

Sputnik бакӕндзӕн фанклуб футбол уарзджытӕн

"Майрæмбоны хъазæм чемпионаты лидер "Синдикат"-имæ. Матч уыдзæн уæлахиздзауы бынатыл тох. Уыдон цæуынц 6 очко нæ разæй. Ацы хъазты фæстæ ма чемпионаты фæлгæтты махмæ æнхъæлмæ кæсы ноджы авд фембæлды", - загъта Хъоцыты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæр размæбырсæгтыл нымад цæуынц цхинвайлаг командæйы уæнгтæ - дыууæ æфсымæры.

"Цхинвал"-ы хъазджытæ Бæззаты Марик æмæ Ибрагим сты чемпионаты хуыздæр размæбырсджытæ. Марикы хыгъдыл ис 21 пуртийы, йе фсымæрæн та сты 20", - бафтыдта тренер.

31 августы "Цхинвал" уазæгуаты рамбылдта Ирыстоны Кубокы хицау "Щит Осетии"-йы 2:1 хыгъдæй, дыууæ пурти дæр бакода Бæззаты Ибрагим.Цæгат Ирыстоны сæйраг къорды ис 10 командæйы. ФК "Цхинвалы" разæй турнирон таблицæйы сты "Синдикат" æмæ "Щит Осетии".