Хуссар Иры уыдзæн дыууæ цыбыр кусæгон къуырийы фæдфæдыл

Фæллойадон кодексмæ гæсгæ, сабаты улæфт бон хаст æрцæудзæн къуырисæрмæ, уымæ гæсгæ, республикæйы уыдзæн цыппарбонон улæфтытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы къуыри банысан кæдзысты дыууæ паддзахадон бæрæгбоны - Паддахадон тырысайы бон (19 сентябры) æмæ Республикæйы бон (20 сентябры), афтæ ма иу та динон - Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Райгуырды бон, уый фæдыл республикæйы уыдзысты "дæргъвæтин улæфт бонтæ".  Хицауады аппараты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй улæфт бонтæ уыдзысты 20, 21, 22, 23 сентябры - мвайрæмбон, сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæры.

Автозгъорд ӕмӕ ӕфсӕддон парад: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры сентябры бӕрӕгбӕттӕ

"Фæллойадон кодексмæ гæсгæ, сабаты улæфт бон хаст æрцæудзæн къуырисæрмæ, уымæ гæсгæ, республикæйы уыдзæн цыппарбонон улæфтытæ", - бамбарын кодта уагдоны къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег.

Хуссар Ирыстоны 20 сентябры банысан кæндзысты Республикæйы расидты 29 афæдзыбон. Ацы бон 1990 азы хуссарирыстойнаг автономон областы адæмон депутаттæ расидтысты Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы датæ ссис Хуссар Иры сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбæттæй сæ иу.