Хызынтæ капитанæй

Къацты Аннайы къухтæй рацæугæ хызынтæй 20 бæрц "тезгъо кæнынц" Хуссар Иры столицæйы, сæ бийæг та фæнд кæны "ani.bags."-æй скæнын зындгонд бренд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры таможнæйы службæйы акцизон хайады сæйраг инспектор капитан Къацты Аннайы царды фæстаг æртæ азы дæргъы æрфысым ис аксессуартæ бийыны хобби. Цалдæр сахатмæ Анна сфæлдисы чызджытæн хызынтæ, сабитæн дарæс, хæдзары интерьермæ къалатитæ.

Хызынтæ капитанæй

Цалынмæ ацы зæрдæрард æрфысым ис чызджы хъуыдыты, уæдмæ уыд гимнази "Рухс"-ы ахуырдзау, уый фæстæ Уæрæсейы таможнæйы академийы студенткæ Ростовы æмæ стæй та балæууыд куыстыл Таможнæйы комитеты.

"Фыццаг мæхи зæрдæмæ фæцыдысты ацы аксессуартæ æмæ дзы сфæнд кодтон мæхицæн сбийын. Ныр дæр æй хъуыды кæнын, уæд мæ фыццаг куыстæй куыд буц уыдтæн. Фæлæ дæс хызыны куы сбыдтон, уæд мæм мæ фыццаг куыст худæгау каст. Стæй райдыдтон ме ʻмгæрттæн аразын, заказтæ исын æмæ мæхæдæг дæр æхцондзинад исын мæ куысты хатдзæгтæй. Профессионалон архайды истори цæуы 2018 азæй", - дзуры Анна.

Ӕрмдæсныйы быд рæсугъд хызынты нымæц ахызт ныр 20-йæ, фæзынд ын йæхи фарс Instagram-ы "ani.bags."

Хызынтæ капитанæй

"Хъæуы трикотажон æлвыст, къæндзы æмæ райгуыры хызын. Ӕнæмæнг ма у хорз зæрдæйы уаг – æнæ уымæй ницы рацæуы, хатгай халинаг дæр фæвæййы", - бафтыдта уый.

Бонæй-бон хызынтæ кæнынц вазыгджындæр æмæ рæсугъддæр. Ныридæгæн дæр Анна ис ног куысты уæлхъус - цæхæркалгæ цъæх æлвыст æмæ рæсугъдгæнæн хъæдæрмæгæй уый бийы йе ʻмгарæн хызын.

Хызынтæ капитанæй

"Ӕппæт фурнитура рафыссын Мæскуыйы. Фыццаг рады иу сæ мысыдтæн мæхæдæг, æхсæв мыл фынæй дæр нал хæцыд, фæлæ ныр заказгæнæг йæхæдæг дæтты хæслæвæрд æмæ æз та фæлдисын. Рæстæг мын бирæ нæ хъæуы – æртæ цыппар боны. Фæлæ мын мæ сæйраг куыст бирæ рæстæг исы, æнæ уый та цалдæр сахатмæ гæнæн ис скæнын иу дзаума", - бафиппайдта бийæг.

Хызынтæ капитанæй

Къацты Анна ма радзырта ацы фадыджы ныры модæйы тыххæй дæр. Ацы аз, йæ хъуыдмæ гæсгæ, арæх æмбæлы æрттиваг æмæ рухсдзыд хызынтыл.

"Фæлтæрддзинад исынæй дарддæр ма бийынæй ирхæфсын мæхи - кусын сериалмæ кæсгæйæ, науæд чиныг фæрсгæйæ", - зæгъы уый.

Фæстæдæр таможнæйон службæйы кусæг, капитан Къацты Анна хъавы ani.bags. сфидар кæнын куыд бренд, иннæтæн дæр амонын  ацы дæсныйад æмæ йæ куыст рауæрæх кæнын.

Хызынтæ капитанæй