Цхинвалы ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд цалдӕр централон уынгыл

Фӕндагон змӕлд ӕхгӕд уыдзӕн къуырисӕры, дыццӕджы ӕмӕ ӕртыццӕджы райсомӕй парады репетициты кӕронмӕ, фехъусын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цалдӕр централон уынгыл транспорты змӕлд уыдзӕн ӕхгӕд къуырисӕрӕй ӕртыццӕгмӕ ӕфсӕддон парады репетицийы тыххӕй, кӕцы ацӕудзӕн Республикӕйы бон 20 сентябры, фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Автозгъорд ӕмӕ ӕфсӕддон парад: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры сентябры бӕрӕгбӕттӕ

"Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыны 29-ӕм афӕдзы боны цытӕн парады генералон репетицитӕ ауадзын ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕхгӕндзысты уынгтӕ Мӕскуыйаг - Сталины, Мӕскуыйаг - Октябры ӕмӕ Джиоты Аланы проспект - Хъоцыты Къостайы уынджы алвӕндӕгтыл 16, 17 ӕмӕ 18 сентябры райсом аст сахатӕй фӕстӕмӕ", - радзырдта МХМ минӕвар.

Фӕндагон змӕлд ӕхгӕд уыдзӕн репетициты кӕронмӕ, банысан кодтой уагдоны.

Хуссар Ирыстоны Республикӕйы бон банысан кӕндзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕй, уыдонӕй сӕйраг уыдзӕн Цхинвалы гарнизоны парад, кӕцы райдайдзӕн 20 сентябры 11.00 сахатыл Мӕскуыйаг уынгыл.