Джиоты Феликс: Ирыстоны фыццаг хатт ацæудзæн мыды армукъа

Хуссар Ирыстоны мыддарджыты ассоциацийы бындурæвæрæг Джиоты Феликс радзырдта радио Sputnik-æн мыды армукъайы тыххæй
Sputnik

Хуссар Ирыстоны столицæйы ацæудзæн мыды армукъа. Алкæмæн дæр йæ бон у бацæуын, йæ продукци бахæссын æмæ йæ среализаци кæнын, фехъусын кодта Sputnik ассоциацийы бындурæвæрæг Джиоты Феликс.

"Мæхицæн нысан сæвæрдтон, цæмæй адæм нæхи бæстæйы мыд райсой æмæ дзы спайда кæной. Ирыстоны хуызæн мыддарды бынат никуы ис, афтæмæй нæм алы аз дæр сæфы нектары дæсгай-сæдæгай центнертæ. Мах хъæуы, цæмæй ацы хъуыддаг нæ хицауадæй рацæуа, æмæ уый фæстæ мыды хъуыддаг сфидар уыдзæн æмæ 4-5 азмæ махæн нæ бон уыдзæн мыд фæсарæнтæм æрвитын", - загъта Джиоты Феликс.