Уӕлибыхтӕ, цыхт ӕмӕ бӕгӕны: куыд банысан кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы бон

Улӕфт бонты 21 ӕмӕ 22 сентябры Цӕгат Ирыстон банысан кӕндзӕн Республикӕйы бон ӕмӕ горӕт Дзӕуджыхъӕуы бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы Терчы донбылгӕрон байгом уыдзӕн ирон уӕлибыхтӕ, цыхт ӕмӕ бӕгӕныйы фестиваль-конкурс сабаты, 21 сентябры. Фестиваль байгом уыдзӕн Горӕты ӕмӕ Республикӕйы бон банысан кӕныны фӕлгӕтты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ.

Бӕгӕныйы фестиваль "Ирон бӕгӕны-2019" ацӕудзӕн Стамбулы

Ацы аз ирон уӕлибыхты фестиваль райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон статус ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн уазджыты хӕстӕг регионтӕй. Уазджытӕн уыдзӕн фадат хайад райсын профессионалты мастер-классты уӕлибыхтӕ аразынӕй.

Фестивалы сӕ продукци бавдисдзысты ирон цыхт аразджытӕ дӕр. Афтӕ ма ацӕудзӕн ирон бӕгӕныйы IV ӕхсӕнадӕмон фестивалы ӕвзарӕн этап, цы ран хайад райсыны бар ис алкӕмӕн дӕр.

Афтӕ ма Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн егъау физкультурон-спортивон бӕрӕгбон ӕмӕ ӕфсӕддон равдыст, кӕцы бавдисдзӕн 58-ӕм ӕфсад.