Къуаисайы бæрæгбон: дыууадæс азы горæты статусы

Къуыдаргомы горæты боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ ахастой ног къуыримæ, уæд Къуаисайы ацæудзæн концерт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Къуыдаргомы цӕрджытӕ 17 сентябры æмбæлынц сæ комæн горæты статусы раттыны боныл. Бæрæгбоны цытæн мадзæлттæ ахастой ног къуыримæ, фехъусын кодта Sputnik горæты мэр Бæззаты Геннадий.

Горӕты бон Къуаисайы нысан цӕуы 2007 азӕй фӕстӕмӕ, уӕд раздӕры шахтерон поселокӕн лӕвӕрд ӕрцыд горӕты статус, фæлæ уый нырма дæр документалон æгъдауæй фидар не ʻрцыд

"Ацы бонты республикæ æмбæлы цалдæр нысаниуæгджын датæйыл – Тырысайы æмæ Республикæйы бонтæ. Уымæ гæсгæ Къуаисайы горæты боны фæдыл цытджын мадзæлттæ аргъæвтам ног къуыримæ – нæ фæнды ис æрхонын артистты æмæ ауадзын концерт", - загъта мэр.

Хуссар Иры президент бабӕрӕг кодта Гуфта-Къуайса фӕндаджы арӕзтад

Кæддæры шахтерон поселок Къуаисайӕн 12 азы размӕ лӕвӕрд ӕрцыд горӕты статус. Раздӕр ацы районы цӕрджыты фылдӕр бӕрцӕй куысты бынӕттӕй ифтонг кодтой ӕрзӕткъахӕн шахтӕтӕ, фӕлӕ 90-ӕм азты уыдон ӕрцыдысты ӕхгӕд. Къуыдаргомы цӕрджыты фылдӕр хай хуыздӕр цардагур фӕлыгъдысты чи Цхинвалмӕ, чи Цӕгат Ирыстонмӕ.

Къуыдаргом ма 1991 ӕмӕ 2009 ӕзты бавзӕрста стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕрдзон фыдбылыз стыр зиан ракодта цӕрджытӕн. Фӕстаг ӕзты горӕт цадӕггай ӕндидзы, арӕзт дзы ӕрцыд ног цӕрӕнуӕттӕ, капиталон ӕгъдауӕй цалцӕг ӕрцыд Культурӕйы хӕдзар. Самадтой Къуаисайы ног скъолайы бӕстыхайы.