ДАР сӕргълӕууӕг бархионты тыххӕй Хуссар Ирӕй: бахъахъхъӕдтой сабыр цӕрджыты Донецкы

Донецкы Адӕмон Республикӕйы делегаци ӕрцыд Цхинвалмӕ Хуссар Ирыстоны дыууӕ паддзахадон бӕрӕгбоны хайад райсынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) президенттӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Денис Пушилин банысан кодтой сӕ тырнындзинад республикӕты хсӕн бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынмӕ. Паддзахӕдты сӕргълӕуджытӕ ауагътой фембӕлд уӕрӕх форматы, цы ран хайад райстой дыууӕ республикӕйы ӕххӕстгӕнӕг органты минӕвӕрттӕ.

ДАР сӕргълӕууӕг бархионты тыххӕй Хуссар Ирӕй: бахъахъхъӕдтой сабыр цӕрджыты Донецкы

ДАР делегаци ӕрцыд Цхинвалмӕ Паддзахадон Тырысайы бон ӕмӕ Республикӕ расидыны бонмӕ.

"Махӕн ис позитивон къахдзӕфтӕ алкӕцы ӕмвӕзадыл дӕр. Мах бафыстам меморандум фӕндты тыххӕй, ӕмӕ нӕ дарддӕры архӕйдтытӕ здӕхт уыдзысты нӕ республикӕты хсӕн ӕмархайд сфидар кӕнынмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарсытӕ активон ӕмгуыстад кӕнынц ахуырады фадыджы, афтӕ ма райтынг ис финансон ӕмӕ банкон ӕмархайд дӕр, фӕлӕ республикӕтӕн уӕддӕр ис фадӕттӕ уӕрӕхдӕр ӕмархайдӕн.

Бибылты Анатолий Донецкы сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды: ахастытӕ фидардæр кӕндзысты

Президент банысан кодта Донецкӕй уазджыты балцы ахсджиагдзинад Паддзахадон Тырысайы бон.

"Ацы тырысаимӕ бархион ӕфсӕдтӕ Ирыстонӕй хайад истой украинаг агресси аиуварс кӕныны Донбассы. Мах сӕ сӕрыстыр стӕм", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин фидарӕй загъта, дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты. Афтӕ ма уый банысан кодта, фӕндты фӕдыл меморандум кӕй фӕтагъд кодта бирӕ процесстӕ.

ДАР сӕргълӕууӕг бархионты тыххӕй Хуссар Ирӕй: бахъахъхъӕдтой сабыр цӕрджыты Донецкы

Уымӕй дарддӕр Денис Пушилин раарфӕ кодта президент ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕн Паддзахадон тырысайы боны цытӕн.

"Ацы тырыса мах уыдтам бархион ӕфсӕддонтыл, кӕцытӕ ӕрцыдысты Донецкмӕ ӕмӕ хӕсты фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ хъахъхъӕдтой сабыр цӕрджыты. Уыдон абоны онг дӕр сты ум", - бафтыдта уый.

ДАР делегаци хайад райсдзӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, кӕцытӕ ацӕудзысты Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны Республикӕ расидыны боны.