Тырыса æмæ герб: Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант

Мадзал цыд æмрæстæджы дыууæ фæзуаты – ХИПУ æмæ Республикон библиотекæйы. Аивадон литературæйы æрмæджы бæсты тексты ис зонæнтæ паддзахадон символты фæдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Паддзахадон тырысайы бæрæгбоны цытæн Цхинвалы дыууæ фæзуаты ныффыстой æппæтнацион диктант. ХИПУ-йы уæрæх аудиторимæ ныфсхаст студенттæй дарддæр фæуазæг сты ахуырдзаутæ дæр.

Фæсивæдæн диктанты текст конд у дыууæ хаййæ - Хуссар Иры паддзахадон символтæ - герб æмæ тырыса.

Тырыса æмæ герб: Цхинвалы ацыд æппæтнацион диктант

Ӕдæппæтæй ХИПУ-йы хатæнмæ æрбамбырд ис 40 адæймаджы. Мадзалы цыдмæ сæ цæст дардтой университеты ахуыргæнджытæ Хъодалаты Хансиат æмæ Джиоты Циала. Текстимæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Хуссар Иры адæмон ахуыргæнæг Пухаты Алла.

"Текст аивадон литературæйæ скъуддзаг нæу, фæлæ у документалон аздæхтимæ, гæнæн ис æмæ дзы цыдæр пункттæ ферох кодтат, науæд та нæ зыдтат. Ноджы ма иу хатт нæхи банкъарæм зондджын, ахуыр æмæ ма уыимæ иумæ кæй стæм Хуссар Иры æмбæстæгтæ", - загъта Пухаты Алла.

Диктант фысджыты хсæн уыд æрмæстдæр иу лæппу – психологийы факультеты студент Хацырты Сослан.

"Иууыл цъусдæр цыппарыл ныффысдзæн мæ диктант", - дзуры лæппу.

Паддзахадон символтæн нывонд æппæтнацион диктанты фæсивæд архайынц барвæндæй.

"Мах ныр дыккаг хатт фыссæм диктант. Амæйразмæ та архайдтам географион диктанты, уæддæр бирæ зонæнтæ райстам. Ныр дæр нæхи сфæлвардзыстæм æмæ фæарфдæр кæндзыстæм нæ зонындзинæдтæ", - дзурынц дыккагкурсонтæ Къæбысты Агуындæ æмæ Коцты Лана.

Ӕмрæстæджы ма æппæтнацион диктант ныффыстой Республикон библиотекæйы дæр.

Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ, афтӕ.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.