ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг энергохызӕгты оператор "Россети" 2020 азы райдайдзӕн аразын электрондыхы хахх Ручъы тоннелы уылты, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕна Хуссар Ирыстоны энергосистемӕйы куысты ӕмвӕзад, хъусын кӕны РИА Новости.
Ног электрондыхы хаххы проект бавдыста "Россети"-йы сӕргълӕууӕг Павел Ливинский кусӕгон балцы рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕумӕ.
"110 кВ кабелон хайы дӕргъ уыдзӕн 4,5 километры Ручъы тоннелы уылты. Проекты реализацимӕ инвистицитӕ уыдзысты 1,33 миллиард сомы. Компани куыд нысан кӕны, афтӕмӕй проект бацӕттӕ кодтой ӕмӕ ис баныхасы стадийыл, кӕцыйы ӕмгъуыд у 2019 азы декабрь. 2020 азы райдайдзӕн электрондыхы хаххы арӕзтад, реализацийы ӕмгъуыд у 2020-2021 ӕзтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл.
"Россети"-йы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Ручъы тоннелы уылты электрондыхы хахх арӕзт цӕуы, цӕмӕй фӕфылдӕр уа Хуссар Ирыстоны энергосистемӕйы куысты ӕмвӕзад.