Хуссар Иры фæсивæд цайдагъ кæнынц социалон проекттæ аразыныл Хъырымы

Социалон проекттæ аразыны фæдыл семинар-практикумы архайы 12 адæймаджы, се ʻх сæн фæсивæдон политикæйы комитеты кусджытæ, студенттæ æмæ активисттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæды иу къорд архайынц социалон проекттæ аразыны фæдыл семинар-практикумы Хъырымы. Нæ делегацийы сконды фæсивæдон политикæйы комитеты кусджытæ, студенттæ æмæ активисттæ, фехъусын кодта Sputnik комитеты пресс-службæйы кусæг Гæджиты Алла.

Хуссар Иры фӕсивӕд абалц сты форум "Таврида"-мӕ

Фæсивæдон фембæлд цæуы 23-æй 29 сентябрьмæ, Хъырымы республикæйы горæт Алуштайы.

"Нæ делегацийы сконды сты 12 адæймаджы - комитеты минæвæрттæ æртæйæ, аннæтæ сты активисттæ мæ студенттæ. Хайад исынц социалон проекттæ аразыны фæдыл семинар-практикумы Хъырымы. Хайад дзы исынц бынæттон фæсивæд æмæ раздæры Советон цæдисы республикæты минæвæрттæ", - загъта Гæджиты Алла.

Уый ма радзырдта, ахуырадон нывæзтæй дарддæр ма йæ архайджытæ базонгæ уыдзысты республикæйы фендтаг бынæттимæ.

"Ахуырадон нывæзтæй дарддæр уыдзæн экскурситæ Хъырымы. Форумы кæрон йæ архайджытæ райсдзысты сертификаттæ", - бафтыдта уый.

Мадзал аразы "Российский государственный университет нефти и газа им. И.М. Губкина", кæцы 2018 азы рамбылдта Ӕппæтуæрæсейон конкурс. Семинары архайы 125 адæймаджы. Кусæгон нывæзты ис лекцитæ æмæ тренингтæ "Студенческое самоуправление", "Социальное проектирование", "Молодежные ивенты" æмæ æндæртæ.