Цхинвалы рабӕрӕг кодтой республикӕйы тыхджындӕр шахматистты

Ӕртыккаг бынатыл ацыд 12-ӕм скъолайы ахуыргӕнинаг Къодоты Андрей, кӕцы йӕхи хорз равдыста хистӕр кары спортсменты хсӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 12-ӕм скъолайы актон залы ацыд республикӕйы цыппӕрӕм чемпионат тагъд шахматтӕй. Уый тыххӕй Sputnik  фехъусын кодтой фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ерысты уӕлахиздзау ссис Сиукъаты Алан, кӕцы нӕ фембылд иу хъазт дӕр. Дыккаг бынаты ацыд Саулохты Георгий, ӕртыккаг бынатыл та 12-ӕм скъолайы ахуыргӕнинаг Къодоты Андрей.

Цхинвалы рабӕрӕг кодтой республикӕйы тыхджындӕр шахматистты

"Чемпионатмӕ ӕрхуыдтам республикӕйы тыхджындӕр шахматистты. Ерысты хайад райстой дыууӕ скъоладзауы дӕр, кӕцытӕ ныридӕгӕн архайынц хистӕр кары спортсменты хсӕн. Къодоты Андрей кӕронмӕ тох кодта фыццаг бынатыл. Ерысты фӕстиуӕгӕн уый ссис ӕртыккаг", - банысан кодта шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кодтой майдантӕ, грамотатӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Лӕвӕрттӕ райстой ерысты аннӕ хайадисджытӕ дӕр.