ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрайы сæргълæууæг, филологон зонæдты кандидат, доцент Дзиццойты Юрий хайад райста IV Ӕхсæнадæмон зонадон конференци "Этнолингвистика. Ономастика. Этимология"-йы Екатеринбурджы. Ахуыргонд сарæзта доклад Ирыстоны бæрзонддæр хæхтæй иу - Бурхохы тыххæй.
Дзиццойты Юрий йæ куысты "Реликты мифа о похищении сомы в топонимии Южной Осетии" сахуыр кодта Бурхохы фæдыл мифтæ æмæ сарæзта абарстытæ рагон индиаг таурæгътимæ.
Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, Бурхох науæд та Бурсамдзелийы тыххæй ирон адæммæ бирæ мифтæ ис, уыдонæй цалдæры дзырд цæуы, зæгъгæ, Бурхохы сæрмæ уыд сыгъзæринæй галуан, йæ фарсмæ кувæндон, уым уыд Ӕлутон - ритуалон нозт, бæгæныйы иу хуыз æмæ йæ адавтой.
"Ацы миф Кавказы никæцы адæммæ æмбæлы, æрмæстдæр ис рагон индиæгтæм раст ахæм хуызы, уыдонæн сæ ритуалон нозт хуыйны сома, науæд амрида. Мæ куысты канд Бурхохы мифтæ нæ сахуыр кодтон, фæлæ ма сарæзтон абарстытæ рагон индийаг таурæгъимæ. Уыцы мифтæ æмæ йæ рагон индиаг параллельтæ дзурæг сты, ирæттæ Кавказы рагон цæрджытæ кæй сты, ууыл. Сæ алыварс географион объекттæ индоевропейаг æмæ индоирайнаг мотивтимæ баст кæй сты, æрмæст уыцы фактæй дæр зыны, ирон адæм ам аборигентæ кæй сты", - зæгъы Дзиццойты Юрий.
Уый ма радзырдта, æхсæнадæмон фæзуаты ахуыргæндты архайдæн кæй ис æвæрццаг æндæвдад бæстæйы номыл.
"Зонадон форумæн йæ мидис уый мидæг дæр ис æмæ базонгæ уай дæ коллегæтимæ, семæ бастдзинадтæ скæнай. Стæй сын бамбарын кодтон Хуссар Иры статус, кæй у хæдбар бæстæ. Æрдзырдтон польшæйаг ахуыргæндтимæ нæ фыдæлтæ сæрмæтты тыххæй, уыцы тема сын тынг цымыдисон у æмæ мæ хонынц мыхуыр кæнын сæ журналты дæр", - бафтыдта уый.
Конференци цыд æртæ хаххыл - этнолингвистика, ономастика, этимологи. Ацы фадгуыты дунейы хуыздæр ахуыргæндтæ сарæзтой докладтæ. Мадзал цыд цыппар боны дæргъы. Уæрæсейаг ахуыргæндтæ стыр хъусдард аздæхтой диалекттæ æмæ ныхасыздæхтытæ сахуыр кæнынмæ. Доклад цы фарстытыл дзырд цыд, уыдон бацæудзысты Топонимийы радон томмæ. 1996 азы та æрмæг рацыд журнал "Фидиуæгы".
Зонадон командировкæйы архуыргонды арвыста ХИПУ. Мадзалы æдæппæтæй архайдта 150 ахуыргонды дунейы 12 бæстæйæ, Дзиццойты Юрий уыд иунæг ахуыргонд æгас Кавказæй.