Уанаты доны хӕтӕл: Цхинвалы кӕцы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн уый

Арӕзтадон куыстытӕ уӕлӕмхасӕн хахх Уанат-Цхинвалыл хӕццӕ кӕнынц кӕронбӕттӕн этапмӕ – ног доны хӕтӕл аиуварс кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны донифтонгады цухдзинады проблемӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Уанаты доны хӕтӕл, кӕцыйы дӕргъ у 50 километры, йӕ аргъ та 400 милуан сомы, ратдзысты эксплуатацимӕ Хуссар Ирыстоны фидӕн азы. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директор Цхуырбаты Алан.

Цхинвалы районы скъуыддзаг кӕнынц хъӕуты донифтонгады проблемӕ

"Дон сыгъдӕг кӕндзыстӕм хлорӕй. Фӕлӕ дон нӕуидӕр сыгъдӕг у, суадонӕй дзы гӕнӕн ис нуазын", - банысан кодта куыстуаты директор.

Цхуырбаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлӕмхасӕн доны хӕтӕлы руаджы аиуварс кӕндзысты Цхинвалы донифтонгады проблемӕтӕ. Сӕйраджыдӕр, фенцондӕр уыдзӕн район "Текстиль"-ы цӕрджытӕн, кӕцытӕ фыццаг банкъарынц доны проблемӕ.

"Дон цистернӕтӕй, кӕцытӕ сты Тулдзы къохы, фыццаг ӕрбацӕуы ацы районмӕ. Доны бӕрц нормӕйы къаддӕр куы уа – уый вӕййы уалдзӕджы - уӕд фӕзыны доны цухдзинад. Ног канал аиуварс кӕндзӕн ацы проблемӕ – дон цӕудзӕн "Текстиль"-ы районмӕ, ныры доны хӕтӕлы фӕрӕзтӕ та аххӕсдзысты столицӕйы аннӕ 70 процентыл", - загъта уый.

Уанаты суадонӕй доны хӕтӕлы арӕзтад уагъд цӕуы ӕвдӕм мӕй. Инвестпрограммӕйы объектыл куыстытӕ ӕххӕст кӕны нардуатон организаци "СТМ-Юг".

Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнынц зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.