Ӕвзонг шахматисткӕтӕ Ирыстонӕй рамбылдтой дунейы фыццагад Сомихы

Уӕрӕсейы командӕйы сконды ирыстойнаг спортсменкӕтӕ Дриаты Лана ӕмӕ Лиана Цамалидзе райстой фӕйнӕ фондз очкойы ӕхсӕзӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 сен – Sputnik. Дриаты Лана ӕмӕ Лиана Цамалидзе Цӕгат Ирыстонӕй ссис дунейы фыццагады уӕлахиздзаутӕ шахматтӕй скъоладзауты хсӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Цхинвалы рабӕрӕг кодтой республикӕйы тыхджындӕр шахматистты

Уӕрӕсейы командӕйы сконды ирыстойнаг спортсменкӕтӕ райстой фӕйнӕ фондз очкойы ӕхсӕзӕй. Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ тох кодтой Украина, Инди, Белорусси, Сомих, Гуырдзыстон ӕмӕ Болгарийы минӕвӕрттимӕ.

Турнир уагъд цыд Сомихы 18-ӕ1 25-ӕм сентябрмӕ. Ерыстӕ уагъд цыдысты Ӕхсӕнадӕмон скъолайы спорты федераци ISF къухдариуӕгады бын.