Сæнайы хохмæ сцыд: Хуссар Иры альпинисттæ басастой Кавказы бæрзонддæр хæхтæй иу

Сæнайы хох æвæрд у 5033,8 метры бæрзæндыл, уырдæм къорд æхсæз адæймаджы скондæй хызт фондз боны дæргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры альпинистты къорд схызт Цæгат Ирыстоны æппæты бæрзонддæр Сæнайы хохы цъуппмæ. Хохы бæрзæндмæ къорд цыд фондз боны, фехъусын кодта Sputnik сцыды архайæг, парламенты депутат Мулдарты Гарри.

Сæнайы хохмæ сцыд: Хуссар Иры альпинисттæ басастой Кавказы бæрзонддæр хæхтæй иу

Сцыд снывонд кодтой Хуссар Иры паддзахадон тырысайы бонæн. Сæнайы хох æвæрд у 5033,8 метры бæрзæндыл.

"Хохы бæрзæндмæ къорд цыд фондз боны дæргъы туаггуыры цухдзинад æмæ хæххоны низы фæзынды тасимæ. Дыккаг хатт уыдтæн ацы хохы бæрзæндыл, раст иу азы размæ сцыды рæстæджы мах баййæфтам асæст боныгъæд, фæлæ ацы хатт боныгъæд дæр немæ æмдзу кодта – иттæг хорз зындысты Хуссар Иры хæхтæ æмæ Эльбрус" , - загъта Мулдарты Гарри.

Альпинистты къорды сконды уыд 6 адæймаджы, се ʻхсæн чызг Джиоты Ирэн дæр.

"Хохы бæрзæндыл æрсагътам Хуссар Ир æмæ УФ паддзахадон тырысатæ, скуывтам дыууæ бæстæйы размæцыдæн", - загъта Sputnik сцыды архайæг, МХМ æххуысгæнæг Багаты Марат.

Сцыды архайджыты фылдæр бæрц уыдысты тыхон структурæты минæвæрттæ. Балц арæзт æрцыд президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ æмæ Ӕдасдзинады советы сæрдар Уалыты Валерийы æмархайдæй.