Ӕвзонг музыканттӕ Ирыстонӕй рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс

Музыканттӕ Джиоты Сӕрмӕт ӕмӕ Будайты Роксолана равдыстой сӕ дӕсниад номинацийы "Игра на фортепиано"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik. Ӕвзонг музыканттӕ Цӕгат ирыстонӕй ӕнтыстджын архайд скодтой аивад ӕмӕ фӕлдыстады V Ӕппӕтуӕрӕсейон конкурс "Симфония звезд"-ы Кисловодскы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Оперон зарӕггӕнджытӕ Ирыстонӕй ахызтысты ӕхсӕнадӕмон конкурсы финалмӕ

Конкурсы Гран-при рамбылдта 7-аздзыд Джиоты Сӕрмӕт.

Фыццаг къӕпхӕны лауреаты дипломӕй схорзӕхджын кодтой 11-аздзыд Будайты Роксолана.

Музыканттӕ равдыстой сӕ дӕсниад номинацийы "Игра на фортепиано".

Амӕйразмӕ ирон оперон зарӕггӕнӕг Амага Готти хайад райста Италийы фестивалы Мӕскуыйы.