Алантӕ алкӕйдӕр хъӕуынц: ирон ахуыргонд аланты фарстыл не сразы йӕ коллегӕтимӕ

Дзиццойты Юрий зонадон журнал "Вопросы ономастики"-йы йæ уацы иртасы терминтæ "алан" æмæ "аллоны" этимологи
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрӕйы сæргълæууæг, филологон зонæдты кандидат, доцент Дзиццойты Юрий критикӕйы бын фӕкодта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕты уац, цы ран дзырдӕуы, алантӕ кӕй сты мӕхъӕл ӕмӕ цӕцӕны фыдӕлтӕ.

Бурхохы миф: Хуссарирыстойнаг ахуыргонд хайад райста æхсæнадæмон зонадон конференцийы

Аланты бынтыл фæстаг æзты цæуы тох Кавказы, уæлдай активондӕр ацы фарсты сты мæхъæлæттæ. Сæ сæйраг горæтæн уыдон радтой астæуккаг æнусты Аланийы столицæйы ном Магас, фæстæ нæ лæууынц ахуыргæндтæ дӕр.

"Зындгонд уæрæсейаг журнал "Вопросы ономастики"-мæ уац ныффысстой уæрæсейаг ахуыргӕндтæ Аликбер Аликберов æмæ Олег Мудрак. Сæ куыстæй афтæ зыны, цыма алантæ сты цæцæйнæгты æмæ мæхъæлæтты фыдæлтæ. Уымæн рецензи ныффыссынмæ банхъардтой мæн. Рецензийы бæсты æз бацæттæ кодтон темӕйыл уац "К вопросу об этимологии этнонимов алан и аллон" æмæ дыууæтæ дæр иу номыры мыхуыр ӕрцыдысты", - загъта Дзиццойты Юрий.

Ахуыргонд йæ уацы иртасы терминтæ "алан" æмæ "аллоны" этимологи ӕмӕ бӕрӕг кӕны, уыдон кӕй сты ирон адӕмы фыдӕлтӕ.

Дзиццойты Юрий ма æрæджы хайад райста IV Ӕхсæнадæмон зонадон конференцийы "Этнолингвистика. Ономастика. Этимология" Екатеринбурджы. Уый сарæзта доклад Ирыстоны бæрзонддæр хæхтæй иу - Бурхохы тыххæй мифтыл.