Нозтджын шофыртӕ ӕмӕ аваритӕ: Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Барадхъахъхъӕнӕг органты хыгъдлӕвӕрд радтой фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй ивгъуыд къуыри, афтӕ ма фыдракндты нымӕцы тыххӕй республикӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 23-ӕй 30 сентябрмӕ ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Фæндæгтыл фæткхалджыты нымæц фæкъаддæр ис, фехъусын кодтой МХМ

"Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 164 фӕткхалды. 3 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - бафтыдтой уагдоны.

Уымӕй дарддӕр республикӕйы МХМ фехъусын кодта, ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны территорийыл кӕй не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой ӕхсӕз адӕймаджы.