Галуанты хъӕуы ссыгъд хус кӕрдӕг, зынгфӕдисонтӕ бахӕццӕ сты рӕстӕгыл

Зынгфӕдисон къорд рӕстӕгыл аиуварс кодта зынгсирвӕзт ӕмӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй арт ма аххӕсса цӕхӕрадоныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайадмӕ ӕртыццӕджы райсомӕй бацыд информаци хус кӕрдӕджы ссыгъды фӕдыл Цхинвалы районы Галуанты хъӕуы – зынгфӕдисон къорд уайтагъд ахуыссын кодта арт. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

"Арт аххӕссыд цӕхӕрадоныл. Зынгфӕдисонтӕ ӕрцыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕзт", - банысан кодта уый.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ивгъуыд дыууӕ къуыри ӕрцыд хус кӕрдӕджы ӕхсӕз зынгсирвӕзты – сӕ фылдӕр хай Цхинвалы районы.